Ираклий Гъарибашвили нефткомпани OMV Petrom SA–ы къухдариуæгадимæ фембæлдис, кæцы Гуырдзыстоны нефт æмæ газ амал кæндзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнаваимæ иумæ, нефткомпани OMV Petrom SA –ы къухдариуæггæнджытимæ фембæлдысты, кæцы Гуырдзыстоны нефты æмæ газ амал кæндзæн. Хицауады администрацийы цæугæ фембæлдыл бахахх ис проекты нысаниуæг.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл банысан ис, цæмæй бадзырд бафыссыны фæстиуæгæн Гуырдзыстон уыцы бæстæтæм баиу уыдзæн, цы ран шельфы фадыгыл нефты æмæ газы бацагуырд цæуы. Проект йæ хъуыдыйы дары Сау Денджызы континентон шелфы (5 282 кв.км фæзуат), 25 азы æмгъуыдмæ, геологион æмæ геофизикон бæрæггæнæнтæ бацагуырд,рбалхæд æмæ бакуыст нефт æмæ газ амал кæнынæн.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, ставд компаниты æрбахызт у ноджы иу бæлвырдгæнæн, цæмæй Гуырдзыстоны уæуæг бизнес æрдз, уый нымæцы нефты æмæ газ амал кæныны сферæйы, у æргом æмæ химæласæг дунейон нысаниуæгы нефтамалгæнæг гиганттæн.
Аналогон проект аргъ – Румынийы территорион дæтты уæвæг «Доминойы» гуырæнуаты ссард, кæцыйы австриаг OMV-имæ у баст, 1,5 миллиард АИШ-ы доллар у. Сау Денджызы бассейны бæстæтæй, агурæг операцитæ æххæст цæуынц Турчы, Уæрæсейы, Болгарийы, Румынийы æмæ Украинайы. Бацагуырды фæстиуæгæн ссардæуыд æвзалыдонгуыры стыр гуырæнуаттæ Румынийы æмæ Украинайы, коммерцион ссардмæ хæстæг у Болгари, цы ран компани архайы.