Ираклий Гъарибашвили - Нæ прогнозмæ гæсгæйæ, афæдзы кæрон ахæццæ уыдзыстæм дыууæнысанон экономикон рæзынадмæ, кæцы нын ратта фадат, бюджет райрæзын кæнын 310 милуан ларийæ
Нæ прогнозмæ гæсгæйæ, афæдзы кæрон ахæццæ уыдзыстæм дыууæнысанон экономикон рæзынадмæ, кæцы нын ратта фадат, бюджет райрæзын кæнын 310 милуан ларийæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, ацы аз бæстæйы æмтгæйон бюджеты бæрц 65 миллиард лари уыдзæн.
«Фæнды мæ нæ æхсæнадæн ноджыиу хатт базонын кæнон нæ уынаффæтæ,к æцы здæхтт сты куыд цæрджыты социалон ифтонгадмæ, афтæ экономикæ рапарахаты рдæм. Уæдмæ уын бакой кæндзынæн, цæмæй ацы аз нын уыд тынг бæрзонд, фидар экономикон рæзынад. Нæ прогнозæй афæдзы кæрон ахæццæ уыдзыстæм дыууæнысанон экономикон рæзынадмæ, кæцы нын ратта фадат, бюджет райрæзын кæнын 310 милуан ларийæ.
Уый æддæмæ ма нын бантыстис, хæс фæкуъаддæр кæнын æмæ 2022 азы æмтгæйон мидпродуктмæ гæсгæйæ 60%-æй кæцы уыд æнæхъæнæй нæ æдагон хæс, фæкаддæри 51%-ы онг. Уымæй уæлдай ма, 2022 азмæ нын плоангонд у 6%-он экономикон рæзынад. Куыд загътам афтæмæй, фидæн азы бæстæйы æмтгæйон бюджеты бæрц уыдзæн 65 миллиард лари, кæцы нысан кæны, цæмæй иу удгоймаг цæрæгыл бахынцгонд æмтгæйон мидпродукт 5500 долларæй фылдæр уыдзæн, кæцы у историон максимум. Куыд уын загхтон афтæмæй, фидæн азы дæр пандемийы фæстиуæгæн райрæзгæ хæс æмæ бюджетон дефицит каддæр кæнæм. Бюджеты дефицит уыдзæн 4,2% æмæ 2022 азы хицауады хæсы бæрц уыдзæн 51,1%» – загъта Гъарибашвили.