Ираклий Гъарибашвили - Нæ мотиваци æмæ амбици у ахæм, ома ацы хатт дæр дæнцон æвзæрстытæ ауадзæм
Нæ мотиваци æмæ амбици у ахæм, ома ацы хатт дæр дæнцон æвзæрстытæ ауадзæм æмæ бæстæ адарддæр кæна сабырæй, стабилонæй тынг кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æвзарæнон кампани сабыр уавæрты цæуы æмæ банысан ис, цæмæй оппоненттæм нæ уыдзæн фадат, исты провокацитæ саразын.
«Æвзарæнон кампани цæуы сабыр уавæрты. Нæ парти, алы муниципалитеты, бæрзонддæр стандарттæй ауагъдта æвзарæнон кампани. Нæ оппоненттæн нæ ратдзыстæм фадат, исты провокацитæ саразын. Иугай-дыгай уæлвæтк уыдис, тынг хъыгаг у тыхмидзинады ацы факттæ æмæ уый фæдыл æз æргомæй райхъусын кодтон. Дманисы фæзындты тыххæй мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй нæрайсгæ у цыфæнды тыхмидзинад. Ницы уæлдай у, кæмæй уыдис уый провоциргонд æмæ плангонд, фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы, тыхмидзинад æмæ провокацитæн хъуамæ сдзуапп кæнæм сабырæй. Максималонæй сабырæй хъуамæ арвитæм ацы цалдæр боны. Иу къуыри баззадис æвзæрстыты онг æмæ сæ сабырæй æмæ мобилизгондæй хъуамæ арвитæм фæнысангонд æвзæрстытæ», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.