Ираклий Гъарибашвили – Нæ бæстæ ног сыхгæдæн нал бафæраздзæн, нæдæр локдаун æмæ нæдæр тобæтæ нæ уыдзысты раст, курæг уæ дæн рацæут вакцинацимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, бæстæ ног сыхгæдæн нал бафæраздзæн.
Гаърибашвилийы дзырдæй, зæгъгæ карз тобæтæ Гуырдзыстоны экономикæйæн знаггадгæнæг уыдзæн.
«Фæстаг рæстæджы бирæ фæзæгъынц, цæмæй нал уыдзæн ног тобæтæ æмæ а.д. Фæнды мæ райхъусын кæнын, цæмæй мах сывзæрстам æндæр фæндаг. Уый у фæткдæттыны фæндаг. Алцыппæт хъуамæ саразæм уый тыххæй, цæмæй эпидемийы ныхмæ эффективон тох кæнæм. Нæ бæстæ ног тобæтæн нал бафæраздзæн. Нæдæр локдаун, нæдæр ацы тобæтæ нал уыдзысты раст, уымæй уæлдай дæр, уыдзысты нæ бæстæйы экономикæйæн знаггадгæнæг. Уый расайдзæн ахæм уавæртæ æмæ нæ уæлæмхасæй бахъæудзæн цалдæр миллиард доллар кæнæ лари хæс райсын, кæцы стæй суыдзæн нæ æмбæстæгты бафидинаг. Уый тыххæй, цæмæй ацы тобæтæ мауал сфæлхатт уа, æмæ нæ хæс райсын ма бахъæуа, алчидæр хъуамæ ацæуæм вакцинаци, кæцы æдас у», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.