Ираклий Гъарибашвили – Мæнæн мæ хистæр европарламентари нæ фæлæ гуырдзиаг адæм у
Мæнæн Европарламентарий нæу мæ хистæр, мæ хистæр у гуырдзиаг адæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Европарламентари Виола фон Крамоны фидиуæны дзуппæн райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Европарламентаритæ уæлæнгай фидиуæнтæ ма хъуамæ аразиккой.
«Кæд сæ фæнды хъуыддаджы апп бамбарын, уæд хъуамæ лæмбынæг бацахуыр кæной уавæр æмæ уæлæнгай фидиуæнтæ ма хъуамæ аразой. Цы уæлдай у, чи цы зыгъта, уый мæ хъуыддаг нæу. Æз дзурын нæ адæмæн, цæмæй уый уыд хæс æмæ мах та уæлæмахс хæс райстыл нæзагъд ракодтам», – Загъта Гъарибашвили.
Европарламентари Виола фон Крамон райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ нæ сыххæст кодта Евроцæдисы макрофинансон æххуысы дыккаг транш райсыны домæнтæ æмæ уый тыххæй дæр нæ бауыдаит йæ бон нæзагъд ракæнын ууыл, цæй райсыны бар дæр йæм нæ уыд.
«Хъыгагæн, Гуырдзыстоны хицауад нæ сыххæст кодта Евроцæдисы макрофинансон æххуысы дыккаг транш райсыны домæнтæ: тæрхонон системæ æмæ а.д. Сымахæн нæу уæ бон ууыл нæзагъд ракæнын, цæй райсыны бар дæр уæм нæ уыд. Мах та гуырдзиаг адæмæн сæ фарсмæ лæууæм», – райхъусын кодта Крамон.