Ираклий Гъарибашвили – Мæнæн бынтон нæрайсгæ у уыцы тыхмидзинад, кæцыйы федтам знон
Фæнды мæ æргомæй бафауын, знон цы æрцыд, уый. Категорионæй нæрайсгæ у журналисттыл тыхмидзинад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили знон Тбилисы айтынггонд фæзынды рæстæджы райхъусын кодта.
«Фыццаджы дæр мæ фæнды зæгъын уын, цæмæй мæнæн нæйрасгæ у уыцы тыхмидзинад, кæцыйы знон федтам. Фæнды мæ æргомæй бафауын, знон цы æрцыд, уыцы факт. Журналисттыл, сымахыл тыхмидзинад у нæрайсгæ æмæ уый бафауын хъæуы. Пъæлицæй кусы тынг активонæй. Абон сæумæрайсом нырид æртæ уæнгы æрцхастой, знон дæр цалдæрæй уыдысты ахст администрацион уагæй. Алы гоймагы идентификаци скæндзысты æмæ, кæй зæгъын æй хæъуы, дзуаппмæ лæвæрд уыдзæн алчи, чидæриддæр тыхмидзинады иста хайад», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Руставелийы проспектыл æмæ йæ алфæмбылæйтты «Тбилиси прайды» ныхмæлæуджытæ журналистты æмæ операторты ныхмæ агрессивон архæйдтæ сыххæст кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн зиæнттæрайстой медиафæрæзты минæвæрттæ æмæ сæ нымæцы Æхсæнадон Уацхæссæджы оператор Илиа Твалиашвили.
МХМ-ы официалон информацийæ, рабæрæггонд барадсасты факттыл ацы этапыл администрацион уагæй ахст сты аст уæнгы.
Афтæма сæ информацийæ, ауадзгæ фæдæвзарæн мадзæлтты фæстиуæгæн 55 уæнгы ныхмæ фæбæрæг ис тыхмидзинады факттæ, сæ нымæцы 53 сты æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты минæвæрттæ.