Ираклий Гъарибашвили легендарон гуырдзиаг сопранойы, Медеа Амиранашвилийы адзалы тыххæй хъыгдзинады æвдисы
Гуырдызстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили легендарон гуырдзиаг сопрано, Медеа Амиранашвилийы адзалы тыххæй тæфæрфæс кæны
«Арф хъынцъымгæнæг дæн Гуырдзыстоны адæмон артисты, легендарон гуырдзиаг сопранойы Медеа Амиранашвилийы адзалы тыххæй.
Медеа Амиранашвили уыд гуырдзиаг æмæ ервопаг оперон музыкæйы æмбал кмæнæ нæй ахæм æххæстгæнæг æмæ гуырдзиаг музыкалон аивады сæруæлдай сæрхъызой. Растдæр уымæй бауарзын кодта оперæуарзджытæн æмæ аивадархайджыты стыр уарзондзинад æмæ цыт.
Тæфæрфæс кæнын бинонтæн æмæ хæстæжытæн æмæ æмæнкъард кæнын йæ хъусджытæн сæ уарзон артисты адзалы тыххæй», – банысангонд у премьер-министры мæсæллæйы фыстæджы.
93 азы кары, йæ цардæй ахицæн ис адæмон артист, Закариа Палиашвилийы номыл премийы лауреат, Тбилисы паддзахадон консерваторийы эмеритус, Тамар Паддзахы æмæ Кады ордены хицау, спорано Медеа Амиранашвили.