Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нмыæрдары специалон минæвар Хавьер Коломинаимæ фембæлдис.
Хицауады администрацийы уагъд фембæлдыл НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады боны фæткы бындурон æрдæмадтæ æркастысты æмæ евроатлантикон интеграцийы æрдæм Гуырдзыстоны прогресс схатдзæг кодтой.
Хавьер Коломина Ираклий Гъарибашвилийæн раарфæ кодта Евроцæдисмæ кандидат бæстæйы статусы райсты фæдыл.
Премьер-министр, Хавьер Коломинайæн фарсхæцыны тыххæй бузынг загта æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны Европаг æмæ евро-атлантикон интеграци нæ бæстæйы æддагон æмæ æдасдзинады политикæйы иуæй-иу сæйраг приоритет у.
Фарсытæ æркастысты Гуырдзыстоны, куыд альянсы хъæддых æмæ æнæфæсайгæ партнеры, ролы æмæ йæ нысаниуæгджын контрибуци куыд глобалон, афтæ Сау Денджызы регионы æдасдзинад ифтонгады процессы. Хицауады сæрдар банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон кæддæриддæр уыд альянсы иуæй-иу сеппæтæй æнæфæсайгæ æмæ амалхъом партнер.
Æркæсинаг фарстаты æхсæн уыдис Дунейы уæвæг æдасдзинады уавæр æмæ расидтытæ.
Ираклий Гъарибашвили Хавьер Коломинайæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзиадæн фарсдарыны тыххæй бузныг загъта.
Фембæлдыл уыдысты: Гуырдзыстоны НАТО-йы æмцæдисонон офисы къухдариуæггæнæг Александер Виников, Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæр Реваз Джавелидзе æмæ НАТО-имæ Гуырдзыстоны минæвар Виктор Долидзе.