Ираклий Гъарибашвили хайад райста ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты Польшæйы президенты организацигонд мадзалы
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Молдовæйы президент Майя Сандуимæ иумæ, Нью-Йоркы, ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты, Польшæйы президент Анджей Дудайы организацгонд мадзалы райста хайад, кæцы кусæн сихоры форматы ацыд. Информаци хъусын кæны хицауады администрацийы пресс-куыст.
Фембæлдыл фæныхас кодтой ассоциацигонд триойы форматы нысаниуæгыл æмæ Польшæйы, куыд Евроцæдисы иуæй-иу ахадæг бæстæйы ролыл ассоциацигонд триойæн æххуысы æрдгæй.
Банысани, ома æртæ бæстæ сты дырыс партнертæ хурыскæсæн партнерады æрдгæй æмæ нысаниуæгджын у сæ роль ноджы дырæсæй дæр бавдыст уа хурыскæсæн партнерады æввахсдæр саммитыл, уый нымæцы ифтонггонд уа дифференцигонд ахасты принцип – «фылдæр фылдæры тыххæй».
Премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фембæлдыл банысан кодта, ома Гуырдзыстоны æппынфæстаг нысан у, суа Евроцæдисы уæнг бæстæ æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй амбицион план 2024 азы бæстæ сараза куырдиатæн, Евроцæдисы уæнгæй суæвыны фæдыл, уа æххуыс европаг партнертæй.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны делегациимæ иумæ, вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани æмæ хицауады администрацийы хистæр Илиа Дарчиашвили уыдысты.