Ираклий Гъарибашвили Юстицийы бæрзонддæр советы уæнгтимæ æмбæлы
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили абон Юстицийы бæрзонддæр советы уæнгтимæ фембæлдмæ бацыд.
Премьер-министры пресскуысты информацийæ, фембæлд Сæйраг Тæрхондоны цæуы, æмæ йæ сæйраг темæ у АИШ-ы æрдгæй фидаргонд санкцитæ.
Бæрæгдзырдæн, АИШ-ы паддзахадон департамент æртæ архайæг æмæ иу разæры тæрхонгæнæгæн, санкцитæ куы сфидар кодта уый фæстæ, тæрхонгæнджытæ премьер-министримæ фембæлын æркуырдтой.
АИШ, Михеил Чинчаладзейæн, Леван Мурусидзейæн, Ираклий Шенгелиайæн æмæ Валериан Церцвадзейæн санкцитæ сфидар кодта.