Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Брюсселмæ визиты фæлгæтты, НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ фембæлдис.
Фембæлдыл фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы динамикæйыл æмæ дыууæфарсон æмгуыстады æфсæст бонвæткыл.
Ныхас афтæдæр уыд регионы уæвæг уæззау æдасдзинады уавæрыл æмæ Украинайы цæугæ хæстыл. Альянсы генералон нымæрдар сфиксир кодта НАТО-йы æнæцудгæ фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзнадæн.
Гуырдзыстоны премьер-министр хаххгондæй банысан кодта, цæмæй НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстад у иуæй-иу сæйраг приоритет. Йæхи æрдгæй НАТО-йы генералон нымæрдар премьерæн альянсы хъæддых фарсхæцыны бæлуырд загъта.
Фембæлдыл кастгонд уыд æрбаввахсгонд НАТО-йы Вильнюсы саммит.
Фарсытæ ныфс равдыстой, цæмæй Гуырдзыстоны прогресс æмæ йæ тырнынад, æмбæлгæйæ уыдзæн бавдыст альянсы дарддæры уынаффæты куыд бæстæйв политикон фарсхæцыны, афтæ практикон фадæттæ стынг кæныны цæстæнгасæй.
Фарсытæ банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстон, куыд НАТО-йы аспирант бæстæ, кæддæриддæр уыдис альянсы иуæй-иу сегасдæр æууæнкджын æмæ амалхъом партнер æмæ стыр хайбавæрд скодта иумæйаг-евроатлантикон æдасдзинады сфидар кæныны. Афтæма банысан ис, цæмæй æмцæдисонты æххуысæй Гуырдзыстон нысаниуæгджынæй райрæзын кодта иргъæфхъомады фадæттæ.
Фарсытæ фæныхас кодтой Сау денджызы æдасдзинады нысаниуæгыл æмæ Гуырдзыстоны ролыл ацы æрдгæй.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.