Ираклий Гъарибашвили йæ хъыгтæ радзырдта  Буба Кикабидзейы мæлæты  тыххæй
Ираклий Гъарибашвили йæ хъыгтæ радзырдта Буба Кикабидзейы мæлæты тыххæй

Гуырдзыстоны премьер-мсинистр Ираклий Гъарибашвили йæ хъыгтæ радзырдта Вахтанг «Буба) Кикабидзейы  мæлæты  тыххæй.

«Хъыгдзинад  æвдисын    номдзыд  гуырдзиаг аивады дæсны – артисты æмæ зарæггæнæгы  Буба Кикабидзейы   мæлæты тыххæй.

Нæ бæстæйы  бирæ фæлтæртæн  Буба Кикабидзейы  куыд артисты, ном  баст у  бирæ  уарзон персонажимæ, кæцытæ  рæстæгæн бафæрæзтой æмæ ма  ноджы  бирæ  рæстæджы  барухс кæндзысты  сæ зæрдæтæ  кæсджытæн.

Æмæнкъард кæнын  йæ бинонтæн, хæстæджытæн æмæ  хæлæрттæн», – дзырдæуы  Ираклий Гъарибашвилийы  мæсæллæйы фыстæджы.

Зарæггæнæг, киноартист, режиссер, сценарист, Гуырдзыстоны  адæмон артист  Вахтанг (Буба)  Кикабидзе,  84 азы  кары  йæ цардæй  ахицæн ис.