Ираклий Гъарибашвили Иугонд Арабаг Эмиратты  вице-президент, премьер-министр æмæ Дубайы  Эмираты  хицауиуæггæнæгимæ фембæлдис
Ираклий Гъарибашвили Иугонд Арабаг Эмиратты вице-президент, премьер-министр æмæ Дубайы Эмираты хицауиуæггæнæгимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  Иугонд Арабаг Эмиратты  вице-президент,  премьер-министр æмæ Дубайы  Эмираты   хицаугæнæг, Шеих  Мохамед  бин Рашид  ал Мактумимæ фембæлдис. Информацийы  Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куыст публикаци кæны.

«Фембæлдыл   банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты  дыууæфарсон, динамикон   æмгуыстад ис  æмæ  нысаниуæгджын у,  экономикæйы  сферæйы уæвæг   фæстиуæгджын æмгуыстад нодж фæарфдæр кæнын.

Премьер-министр  Шейх  Мохамед  бин Рашид  ал Мактумæн Гуырдзыстоны  уæвæг    пайдаджын   инвестицион   æрдзы фæдыл   информаци базонын кодта æмæ бæстæмæ арабаг инвестицитæ æрбаласыны нысаниуæг бахахх кодта.

Фембæлды фæстæ, Гуырдзыстоны  хицауады администрацийы  хистæр  Реваз  Джавелимдзе  æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты  кабинеты  хъуыддæгты министр  Мохамад  Абдулла ал Гергав дыууæ бæстæйы æхсæн  паддзахадон  фæткдæттыны   райтынг кæныны æмæ модернизацийы  сферæйы   фæлтæрддзинад фæхай кæныны фæдыл  меморандум бафыстой»,   – банысангонд у  премьер-министры пресс-куысты  информацийы.