Ираклий Гъарибашвили – иу афæдзмæ Гуырдзыстоны байгом уыдзæн фыццаг«Аутлет Виллидж», кæнæ та базарадон горæт
Æцæгæйдæр æхсызгон у уыцы факт ома, регионы фыццаг «Аутлет Виллиджы» арæзтад райдыдта; иу афæдзмæ Гуырдзыстоны байгом уыдзæн фыццаг «Аутлет Виллидж», кæнæ та базарадон горæт, кæцы лæггад кæндзæн куыд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, афтæ ма Гуырдзыстонмæ æрцæуæг милуангай туристæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили «Аутлет Виллиджы» проекты презентацийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта, цы ран арæзтад райдаыны фæдыл проекты инвесторты æмæ партнертимæ иумæ, символон капсулæ нывæрдта.
Гъарибашвилийы дзырдæй, зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын проект у, кæцыйыл бахардз уыдзæнис 70 милуаны онг лари.
«70 милуан лари у комкоммæ инвестици. Махæн æхсызгон у уыцы факт æмæ фæнысангонд базарадон горæт куы байгом уыдзæн, дыууæ мин адæймагæн фæзындзæн кусæнуат. Процессы баст уыдзæн 500 адæймаг. Æхсызгон у уыцы æмæ проекты фыссыны баст у испайнаг компани, кæцы бакуыста Мадриды æмæ Барселонæйы «Аутлет Виллиджтæ». Уымæй уæлдай ма, тынг æхсызгон у, цæмæй ног базарадон тыгъдадæн къухдариуæг кæндзæн дунейы акæнæг компаниты скондмæ цæугæ америкаг-европаг аутлет-менджементы компани. Хицауад стыр хъусдард æвдисы æмæ махæн иуæй-иу сеппæтæй приоритетон æрдæмад у туризмы рапарахат. 2019 азы фараст милуанæй фылдæр турист уыд бæстæйы. Пандеми цæй зæгъын æй хъæуы разнаггад кодта туризмы секторæн дæр, фæлæ тынг стыр оптимизмы æаххос нын ис уымæн æмæ тынг цырд темпæй цæуы экономикæйы райтынг. Ацы аз нæм ныридæгæн æрцыд милуан турист, кæцы афтæдæр æхсызгон у. Тынг цыбыр æмгъуыдтæм бафæрæзтам экономикæ сæндидзын кæнын, ис нын 12%-он рæзынад æмæ уыцы сигналтæ æмæ импульстæ, кæцытæ ратæдзынц бизнесы сферæйæ, тынг ныфсдæттæг сты» райхъусын кодта премьер-министр.
Хицауады администрацийы пресс-куысты хъусинагæй, «Джорджиан аутлет энд резорт групп» 10 гектар территорийыл горæты типы «Аутлет Виллиджы» арæзтады фыццаг фазæ, 2022 азы фæуыдзæн. Проекты инвестицийы бæрцуат у 70 милуаны онг лари. «Аутлет Виллиджы» арæзтады процессы сæвзæрдзæнис 500 кусæнуат, æрмæст базарадон тыгъдады æххæстæй скусын кæныны фæстæ 2000-æй фылдæр адæймагæн уыдзæн кусæнуат.
«Аутлет Виллиджы» арæзтады фæдыл мадзалыл Гуырдзыстоны æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауады уæнгтæ æмæ бизнесы минæвæрттæ уыдысты.