Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны  Израилы минæвар Хадас Меицадимæ  фембæлдис
Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Израилы минæвар Хадас Меицадимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны  Израилы минæвар Хадас Меицадимæ  фембæлдис. Информаци хъусын кæны  хицауады пресскуыст.

Афтæма сæ  хъсинагæй,  хицауауды  администрацийы  уагъд фембæлдыл   хъусдард  здæхт уыдис  Израилы  цæугæ  фæзындтæм.

«Фембæлды рæстæджы  Ираклий Гъарибашвили  бахахх кодта, цæмæй   Гуырдзысотны  хицауад   фауы  Израилы паддзахад  æмæ æмбæстæгтыл сæххæст  террористон бырст.

Дипломат  хицауады сæрдарæн  Израилы айтынггонд фæзындты фæдыл   иууыл ног   информаци базонын кодта.  Премьер-министр йæ  хъыгтæ  равдыста фæмардуæвджыты тыххæй æмæ  минæварæн   хицауады номæй   ноджы иу  хатт тæфæрфæс  ракодта» –  банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады  пресс-куысты информацийы.