Ираклий Гъарибашвили – гуырдзиаг журналистикæйы боны фæдыл арфæ кæнын алы журналистæн, уæ куыст бындурон у бæстæйы демократон æмæ европаг фидæн рæзынадæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гарибашвили медиайы минæвæрттæн гуырдзиаг журналистикæйы профессион боны фæдыл арфæ кæны.
«Гуырдзиаг журналистикæйы боны фæдыл уын арфæ кæнын алы журналистæн, медиафæрæзты алы кусæгæн.
Æхсæнады раз бæрн æмæ профессион этикæйы стангдарттыл бындурæвæрд уæ куыст æлхынцъаг у нæ бæстæйы демокративо рæзынады æмæ йæ европаг фидæны арæзтадæн. Сымах æнæрмæст æхсæнады информир кæныны иттæг нысаниуæнджын куыст кæнут, фæлæ сæрмагонд хайбавæрд кæнут политикон æмæ æхсæнадон культурæйы рæзынады, демократон хæзнаты æрфидары хъуыддаджы.
Нæ хицауад, политикон бал дзæбæх æмбары уæ профессийы егъау паддзахадон нысаниуæг. Уый бæлвырдгæнæн у «Картули Оцнебайы» уагъд реформæтæ, кæцыты фæстиуæгæн лæмбынæг фæхуыздæри медиайы плюрализм æмæ райрæзтис сæрибардзинады гъæд.
Бузныг уын уæ куыстæн æмæ уын уæ иттæг нысаниуæгджын куысты æнтыстытæ куыд уа уыцы арфæтæ зæгъы мæ зæрдæ», – дзырдæуы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы арфæйы.