Ираклий Гъарибашвили гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджытæм фæуазæг уыдзæн Афгъанистаны
Ираклий Гъарибашвили гуырдзиаг сабырадхъахъъхæнджытæм Афгъанистанмæ фæуазæг уыдзæн. Уый тыххæй Гуырдзыстоны хъаххъæнынады министр Авгъанистан æмæ Африкæйы континентыл дислоциргонд гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнтимæ ныхасы рæстæджы æфсæддон фæткдаруаты центры райхъусын кодта.
Телехиды фæрцы ифтындзыны рæстæджы Ираклий Гъарибашвили æфсæддон кусджытæн баныфсвæрдта æххуыс æмæ зæгъгæ сæ алкæмæн дæр хæстæг хæлар уыдзæн. Хъахъъхæнынады министры дзырдæй, уый алцыппæт сараздзæн, цæмæй æфсæддон кусджыты социалон уавæртæ фæхуыздæр уой æмæ уыдон бирæхуыздæр аууæлтты адарддæр кæной сæ куыст. Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, цæмæй уый гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджытæм фæуазæг уыдзæн Афгъанистанмæ, æмæ сæ куыстимæ бынатыл æрзонгæ уыдзæн.
Ныр Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады дæлхайадтæ, НАТО æмæ Евроцæдисы эгидæйæ цæугæ мисситы Афгъанистаны æмæ Африкæйы континенты дыууæ бæстæйы исынц хайад. Афгъанистаны НАТО-йы эгидæйæ «Хъæддых æххуысы» миссийы гуырдзиаг контингент æртæ локацийыл уæвы, æрмæст Евроцæдисы эгидæйæ цæугæ мисситы гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджытæ Централон Африкæйы Республикæйы æмæ Малийы сты дислоциргонд.