Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Словакийы фæсарæн æмæ Европæйы фæдыл хъуыддæгты министр Иван Корчокимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Словакийы Респубьликæйы фæсарæн æмæ Европæйы фæдыл хъуыддæгты министр Иван Корчокимæ фембæлдис, кæцы Гуырдзыстоны уæвы официалон визитæй.
Фембæлдыл ныхас уыд Гуырдзыстоны Европаг прогрессыл æмæ банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад цæттæ кæны 2024 азмæ Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй суæвынынæн официалон куырдиат бавдисынмæ. Хъусдард здæхт уыд Хурыскæсæн Партнерады фидæн саммитмæ. Ираклий Гъарибашвили сбæлвырд кодта ассоциацигонд триойы иузæрдыгдзинад иумæйаг европаг тырнынадмæ. Бахахх ис Евроцæдис æмæ ассоциацигонд триойы æхсæн фидар бастдзинады æмæ интеграцийы æмæ ацы процессы, Словакийы активон æххуысы нысаниуæг.
Фембæлдыл афтæдæр банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон аргъ кæны Словакийы бастдзинадæн НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты сыххæсты.
Иван Корчок премьер-министрæн сбæлвырд кодта Словакийы хъæддых æххуыс Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Хъусдард здæхт уыдис оккупацион хаххы цур цæрæг цæрджыты проблемæтæм æмæ баныссан ис, цæмæй уым уæвæг уавæримæ Иван Корчок бынатыл базонгæ уыдзæн. Ираклий Гъарибашвилди Словакийы фæсарæн æмæ Европæйы фæдыл хъуыддæгты министрæн базныг загъта Евроцæдисы цæстдарæг миссийы Словакаг мониторты бастдзыинады тыххæй.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.