Уæ визит у АИШ-æй нæ территорион æнæхъæндзинад æмæ суверениетæн фарсхæцыны иттæг тыхджын сигнал – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойдж Остинæн загъта фембæлды рæстæджы.
Хицауады сæргълæууæг АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдарæн визиты тыххæй бузныг загъта æмæ банысан кодта, цæмæй ацы визит зæгъгæ Гуырдзыстон-АИШ-ы бæрзонд æмвæзады ахастыты ноджы иу дырыс цæвиттон у æмæ хахх кæны Иугонд Штатты æнæаскуынгæ интерес æмæ бастдзинад Сау Денджызы æмæ Хуссар Кавказы регионмæ.
АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар премьер-министрæн хъарм райсты тыххæй раррфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй йæ визит Гуырдзыстонмæ, АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æнгом партнерады бæлвырдгæнæн у.
Ираклий Гъарибашвили банысан кодта,ц æмæй АИШ-æн Гуырдзыстоны хуызæй регионы ис иузæрдыг æмцæдисон. Хаххгонд банысан кодта бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон æмгуыстад хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы.
Банысан ис цæмæй хъахъхъæнынады тыхты цæугæ модернизацийы процесс æмæ АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг тыхархайды фæстиуæг у, Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы хъахъъæнынады уагдæтты æхсæн абон къухбафыст меморандум та иитæг нысаниуæгджын у уымæн æмæ вазыгджын æдасдзингады уавæры тыххæй, ахсджиаг у Гуырдзыстон адарддæр кæна территорион хъахъхъæнынады фадæттæ тынг кæнын.
Фембæлдыл хъусдард здæхт уыд регионы уæвæг уавæрмæ æмæ Уæрæсейы агрессивон архæйдтытæм. АИШ-ы хъахъъхæнынады нымæрдар Гуырдзыстоны премьер-министрæн, ноджы иу хатт сбæлвырд кодта АИШ-ы хъæддых æххуыс Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ северентитетæн, æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
Позитивонæй аргъ скодтой Гуырдзыстоны нысаниуæгджын прогрессæн европаг æмæ евроатлантикон инетграцийы фæндагыл. Ныхас афтæдæр уыд НАТО-ы фидæн саммитыл, кæцы Гуырдзыстонæн размæцыд банымадæн дзæбæх фадат у æмæ банысан ис æмцæдисонты æхсæн консессусы цæстæнгасæй АИШ-ы бастдзинады скуыддзаггæнæг нысаниуæг.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.