Гуырдзыстоны информацион технологиты æмæ лæггады центры байгомы фадæттæ æмæ бæстæйы уæвæг пайдаджын инвестицион уавæр уыд Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы æмæ компани «Salesforce»-ы президент Эми Виверы фембæлды сæйраг æркæсинаг фарстатæ. Информаци хъусын кæны хицауады администрацийы пресс-куыст.
Salesforce ставд компьютерон программон ифтонгады компани к, кæцы фæлхасгæнджытимæ ахастыты фæткдæттыны программон ифтонгадыл кусы. Компани архайы АИШ-ы, Канадæйы, Францы, Германийы, бельгийы, Финляндийы, Стыр Британийы, Бразилийы, Мексикæйы, Израилы, Китайы, Японийы æмæ Италиайы, сæйраг офис тæ сын ис Калифорнийы, Сан-Францискойы. Компанийы æфтиаг ивгъуыд азы уыд 26 миллиард долларæй фылдæр.