Гуырдзыстоны Европаг æмæ евроатлантикон интеграци æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн сæрмагонд хæларон æмæ партнерон ахастытæ уыд Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы æмæ Эстонийы Рсепубликæйы президент Алар Карисы фембæлды сæйраг темæ.
Европаг æмæ евроатлантикон интеграциы фæндагыл, Гуырдзыстоны прогрессыл ныхасы рæстæджы Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, ома еврокомиссийы хиаргълæвæрды рафарст Гуырдзыстон æмгъуагъоммæ баххæст кодта æмæ ныр еврокомиссийы æмбæлгæ уынаффтæм æнхъæлмæ кæсы, евроинтеграцийы фæндагыл та Гуырдзыстонмæ ис Эстонийы хъæддых фарсхæцыны ныфс. Ныхс уыд Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграцийы процессы нысаниуæгыл дæр.
Фембæлдыл банысан ис дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æнтыстджын партнерад инновациты, цифрон технологиты æмæ ахуырады сферæйы, афтæма хъахъхъæнынады æрдгæй. Бахахх ис экономикон æмгуыстады ноджы арфдæр скæныны нысаниуæг æмæ ацы æрдгæй уæвæг потенциал æххæстæй æрхион кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Ныхас уыд Украинайы цæугæ хæстон архæйдтытыл дæр. Ираклий Гъарибашвили украинаг адæмимæ Гуырдзыстоны солидарондзинад ноджы иу хатт равдыста.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.