Ираклий Гъарибашвили  фембæлдис Еврокомиссар Оливер Вархейимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Еврокомиссар Оливер Вархейимæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  Брюссельмæ визиты  фæлгæтты, фембæлдис Еврокомиссаримæ сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы  фарстæты  Оливер Вархейимæ.

Еврокомиссийы   комкоммæ  фембæлды  рæстæджы, хъусдард здæхт æрцыд  европаг æмæ  евроатлантикон   интеграцийы  фæндагыл  Гуырдзыстоны  цы прогрессмæ  æрцыд  æмæ   ассоциацидзинады бадзырды фæлгæтты   сæххæст реформæты рдæм.  Бахахх ис  Евроцæдисимæ  арфдæр  æмæ  секторон интеграцийы   нысаниуæг.

Премьер-министр банысан кодта, цæмæй   хицауадмæ ис  амбицион план  Гуырдзыстоны 2024 азы   официалон  куырдиаты бавдиса  Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй  суæвынæн æмæ ацы  нысанмæ фæндагыл, политикон æмæ экономикон реформæты  æххæст кæнын адарддæр уыдзæн.

Премьер-министр   æмæ еврокомиссар   æркастысты   Гуырдзыстоны  уæвæг политикон кризис. Ираклий Гъарибашвили  банысан кодта, цæмæй   хицауад цæттæ у  фæстиуæгыл  ориентацигонд  политикон  диалогмæ, кæцы  процессты конструктивонæй  ауадзынæн  æмæ  деэскалацийæн  ахъаззаг уыдзæн.   Хицауады  сæргълæууæг бахахх кодта  ацы процессы   Евроцæдисы тыхархайд  æмæ  Европаг  Советы  президент Шарль Мишелы  бастдзинад диалогы  процессы, куыд   сæрмагондæй, афтæ –  сæрмагонд минæвар, Кристиан Даниелсоны фæрцы.  Премьеры аргълæвæрдæй, ацы  факт  ноджы иу  хатт  бæлвырд кæны, цас нысаниуæгджын у  Гуырдзыстон Евроцæдисæн.

Фембæлдыл  хъусдард афтæдæр раздæхтой,  регионы  айтыггонд  процессты æмæ  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл  уæвæг уæззау  гуманитарон уавæры рдæм, афтæдæр конфликты аскуыддзагы нысанæн Гуырдзыстоны  хицауады сабырадон политикæйы рдæм.  Ноджы иу хатт  хаххгондæй банысан ис, Гуырдзыстоны  территорион  æнæхъæндзинады æмæ суверенитетæн Евроцæдисы  хъæддых æххуыс.