Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Евроцæдисы æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæваримæ, Павел Герчинскиимæ, æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттимæ фембæлд ис. Кусæн ланч Евроцæдисы минæвæртты инициативæйæ ацыд, кæцымæ фæхуыдтой хицауады сæрдары.
Фембæлдыл кастæуыд конкретон къахдзæфтæ, кæцыты Гуырдзыстон кандидаты статус райсынæн аразы. Ныхас уыдис парламенты æмæ хицауады сыххæст 12 рекмоендацмæ, кæцытæ нæ бæстæйæн сбæрæг сты.
Афтæма схатдзæг кодтой хицауад уагъд æнтыстджын реформæтæ æмæ уыцы прогресс, кæцы Гуырдзыстонæн ис Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл .
Бакастæуыд афтæдæо Еврокомиссийы публикацигонд хыгъдлæвæрд. Бахахх кодтой цæмæй хыгъдлæвæрд дырыс æвдисы Евроинтеграцийы фæндагыл Гуырдзыстонæн цы размæцыд ис уый.
Ираклий Гъарибашвили минæвæрттæ базонын кодта уыцы къахдзæфтæ,к æцытæ Гуырдзыстоны хицауад октябры онг сараздзæн, Еврокомисси публикаци ку скæндзæн фыст хыгъдлæвæрд æмæ рекмоендаци ратдзæн европаг Советæн, ратта æви нæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус.
Фембæлдыл уыдис хицауады администрацийы хистæр Реваз Джавелидзе.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны премьер-министы пресскуыст.