Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Брюссельмы Визиты фæлгæтты фембæлдис Бельгийыпаддзахады премьер-министр Александр де Кроимæ.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, Бельгийы паддзахады премьер-министры канцелярийы ацæугæ фембæлдыл бахх ис Гуырдзыстоны æмæ Бельгийы падздахады æхсæн уæвæг дыууæфарсон æмгуыстад, афтæма европаг интеграцийы фæндагыл бæстæйы прогресс. Ираклий Гъарибашвили банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад аразы æмбæлгæ къахдзæфтæ, цææмй бæстæ 2024 азы официалон куырдиат сараза Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй суæвынæн.
«Хъусдард здæхт уыд регионы æдасдзинады æрдгæй уæвæг уавæры рдæм, ног геополитикон нывы æмæ оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæрыл.
Александр де Кро Иракли Гъарибашвилийæн Гуырдзыстоны европаг æмæ евро-атлантикон интеграцийæн, афтæ куыд бæстæйы суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн Бельгийы паддзахады хъæддых æххуыс сбæлвырд кодта» – дзырæдуы Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийы.