Ираклий Гъарибашвили - фæстаг 30 азы дæргъы бирæ фæрæдыд стæм, кæцы рæдыдтыты фæстиуджытæ исæм абон
Ацы фæстаг 30 азы дæргъы, нæ бæстæйæн бирæ разнаггад кодтам нæхæдæг, куы æвæлтæрддзинады, куы æнарæхстдзинады, æмбаргæйæ кæнæ нæмбаргæйæ, бирæ хатт меркантилон нысæнттæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат, Ираклий Гъарибашвили, парламенты, фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгты раз ралæуды рæстæджы загхта.
«Ивгъуыд азтæ, нæ царды æмæ бæстæйы историйы хай сты, цæй зæгъын æй хъæуы, бирæ дзæбæх фæзынды, æнтысты, аргъ цæмæн нæй ахæм фæлтæрддзинады тыххæй, сæрмагондæй мæнæн тынг знаргъ у, фæлæ комкоммæ зæгъын хъæуы уый, цæмæй ацы 30 азы дæргъы, нæ адæм, иууылдæр бирæ фæрæдыд стæм, кæцы рæдыдтыты фæстиуджытæ исæм абон. Цæй зæгъын æйхъæуы ис нæ бæстæмæ фыдгул чи у ахæмтæ дæр, куыд бæстæйы мидæг афтæ æддаг знæгтæ дæр, объективон зындзинæдтæ дæр, фæлæ раст хъуамæ зæгъæм, цæмæй ацы фæстаг 30 азы дæргъы, нæ бæстæйæн бирæ разнаггад кодтам нæхæдæг, куы æвæлтæрддзинады, куы æнарæхстдзинады, æмбаргæйæ кæнæ нæмбаргæйæ, бирæ хатт меркантилон нысæнттæн» райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.