Ираклий Гъарибашвили – фæнды мæ бузныг  зæгъын  нæ балæн,  нæ иумæйаг тыхтæй  алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй бæстæ  ноджы стыхджындæр уа
Ираклий Гъарибашвили – фæнды мæ бузныг зæгъын нæ балæн, нæ иумæйаг тыхтæй алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй бæстæ ноджы стыхджындæр уа

Ай у  стыр бæрн  æмæ цыт,  уымæн  æмæ сбæлвырды  цауы,  дыккаг хатт суыдзынæн  ацы бæстæйы  премьер –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министртæм кандидат Ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта.

Ираклий Гъарибашвили  раарфæ кодта «Гуырдзиаг Бæллиццы»  балæн  фарс рахæцыны æмæ æууæнкы  тыххæй.

«Бузныг уын  мæ хæлæрттæ.  Фæнды мæ алкæмæн зæгъын цæмæй   махæн   абоны бон у  тынг эмоцион.  Уымæ нæкæсгæйæ, нæ бал   цырд скуыддзаг райста  æмæ мæ фæнды  бузныг зæгъын нæ партийы  сæрдарæн, æнæхъæн балæн  премьеры бантмæ мæ кæй  раразмæ кодтой  уый тыххæй.   Уый у стыр бæрн  æмæ цыт,  уымæн  æмæ сбæлвырды  цауы,  дыккаг хатт суыдзынæн  ацы бæстæйы  премьер.  Нæ  бæстæйы раз  ис  бирæ  быцæусидт, фыццаджы дæр   уый у  ковид-пандеми, æгуыстдзинад,  экономикон  хъуагдзинад  æмæ  цæрджыты уæззау уавæр,  кæцы   проблемæтæ  домынц  цырд уынаффæтæ  æмæ  уымæ мах цæттæ стæм,  уайтагъд  алыг кæнæм цæрджытæн сæ проблемæтæ.  Тагъд сæндидзын кæндзыстæм    сæрфад æмæ уыцы  баланс, кæцы æнæмæнгхъæугæ у  цæмæй бæстæ   нормалонæй, констуцийы фæлгæтты  адарддæр кæна  кусын.  Ноджы мæ иу хатт фæнды  зæрдиаг бузныг зæгъын  нæ балæн,  нæ иумæйаг тыхтæй  алцыппæт  сараздзыстæм,  цæмæй  бæстæ   тыхджындæр суа» – райхъусын кодта  Гъарибашвили.

Премьер-министртæм  кандидаты   бавдисын  уый фæстæ бахъуыд,  Гиорги Гахариа  йæ постæй  йæхи куы суæгъд кодта.  Куыстуагъды  фæдыл Гахариа   фидиуæн    сарызта хицауады   администрацийы абоны брифингыл.