Ираклий Гъарибашвили -  фæдзæхсын бæстæйы мидæгæйзнаг тыхты æмæ сæ фарсхæцджыты бæстæйы арæнты æддæйæ,  нæ бауадздзыстæм, цæмæй деструкцион  тыхтæ нолжы иу  хатт  ныппырх кæной бæстæ
Ираклий Гъарибашвили - фæдзæхсын бæстæйы мидæгæйзнаг тыхты æмæ сæ фарсхæцджыты бæстæйы арæнты æддæйæ, нæ бауадздзыстæм, цæмæй деструкцион тыхтæ нолжы иу хатт ныппырх кæной бæстæ

Фæнды мæ  ноджы иу  рагфæзæхст раттын   куыд бæстæйы мидæгæй   архайæг  знагон   тыхты, афтæ  бæстæйы фæсарæнты  сæ фарсхæцджыты,  цæмæй  мах нæ бауадздзыстæм  ницы  змæстытæ   бæстæйы. Нæ бауадздзыстæм, цæмæй  ахæм   деструкцион  тыхтæ ноджы иу  хатт  дыккагæй   ныппырх кæной нæ бæстæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта хицауады абоны рабадтыл.

Гъарибашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ мæтæфтауæг у  факт, ома  фæсарæйнаг  бæстæйы  æмбæстæгтæ Гуырдзыстоны  цы  тренингтæ уадзынц,  уыдон  сты æвдыст афтæ цымæ тренингтæ  уадзынц  культурæйы сферæйы   минæвæрттæн,  ацы  рæстæджы та  комкоммæ  сидт ис, куыд  хъуамæ   саразой  революци  æмæ  тыхон методтæй раппарой хицауад.

«Ноджы иу  хатт мæ фæнды  фехъусын кæнын алкæмæн, цæмæй  максималонæй  æмбаргæ  уæнт.   Ма раттæнæт  бар   ахæм  деструкцион  тыхтæн, цæмæй  дзы  уыдонæй спайда  кæной.   Дзæбæх  хъуыды кæнæм марты  фæзындтæ, куыд спайда кодтой   студенттæй  æмæ стæй  сæ куыд  ныууагъдтой.   Кæй зæгъын æй хъæуы,  афтæ уыдзæн.  Куыд фехсын кодтой  «молотовы коктейльтæ»  пъæлицæйæгтыл. Уый æппæт  у  сæ  æвæрд   чъиззи  антипаддзахадон   плæнттæ.  Мах сын сæ ныхмæ слæудзыстæм æмæ  нæ бауадздзыстæм. Алчи æрцæудзæн максималонæй  карз  æфхæрд, чидæриддæр   ацы  æнтипаддзахадон   плантæ  сыххæст кæнын бахъавдзæн», – рахйъусын кодта   Ираклий Гъарибашвили.

Паддзахадон æдасдзинады куысты  уагъд брифингыл абон  фехъусын кодтой, цæмæй  организаци «Канвасы» уæнгтæ  фысымуаты фембæлдысты   «энджеотимæ», æмбæстгон активисттимæ, ацыд стыр   къордты бацæттæ, кæцытæ  цæвиттон  скуыддзаггæнæг роль хъуамæ сыххæст кæной   хицауады фæфæлдæхты  процессы.