Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили европарламенты æддæ ахастыты комитеты (AFET) делегациимæ фембæлдис. Хицауады сæргълæууæг сæрыфыццаг хицæнæй фембæлдис европарламентари Девид Маккалистеримæ цæй фæстæ дæр бадзырдтæ уæрæх форматы адарддæр сты.
Премьеры прес-куысты информацийæ, Ираклий Гъарибашвили, европаг депутаттæн арфæйы ныхасы бахахх кодта визиты нысаниуæг Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг суæвыны процессы, афтæма регионы уæвæг уавæры фоныл.
Премьер банысан кодта, ома хъыгаг у у дифференциргонд ахаст, кæцы равдыстой Гуырдзыстонмæ гæсгæ, бæстæйæн куы нæ раттой кандидаты статус Молдовæ æмæ Украинаимæ иумæ, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад фактонæй нырид райдыдта Европæйы Советы 23 уынаффæйæ бæрæг 12 приоритеты æххæст кæнын. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Еврокомиссийы бæрæг приоритетты сыххæст кæнынæн, нысаниуæгджын у инклюзивон процесс æмæ алы æмбæлон интересджын фарсы хайад. Премьер-министр банысан кодта, цæмæй уый зæгъгæ у иуæймаг бæрн, кæцы алчи хъуамæ йæхимæ райса бæстæйы мидæгæй» – банысангонд у премьер-мсинистры пресс-куысты ахæлиугонд информацийы.
Фембæлдыл ныхас уыд Украинайы цæугæ хæстон уавæры фæдыл æмæ æмтгæй зæгъгæйæ, регионы уæвæг уавæрыл, кæцыйæн æндæвдад ис Гуырдзыстоныл.
«Афтæма хъусдард здæхт уыд Сау Денджызы æдасдзинады фарстатæм» дзырдæуы премьер-министры пресс-куысты публикацигонд информацийы.