Ираклий Гъарибашвили – Евроцæдисимæ æнæвизæ режим скусын кæнынæн, бирæ фæкуыстам
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл æнæвизæ режим скусын кæнынæй фæндзæм азы фæдыл раарфæ кодта алкæмæн, чидæриддæр хайбавæрд скодта ацы фæстиуæгмæ æрцыды.
«Фæнды мæ бакой кæнон цæрджытæн, цæмæй ацы процесс райдыдтам 2013 азæй, æнæвизæ режимы план нæм куы рцыд лæвæрд, уæд. Йуд тынг цымидисон куыст сыххæст кодта хицауад. 2015 азы декабры йæ сыххæст кодтам каронмæ æмæ райстам. Евроцæдис зæрдмæдзæугæйыл банымадта фæнысангонд куыст æмæ уый фæстæ тынг тагъд, иу афæдзмæ Евроцдæисы визон режим ивд æрцыд æмæ нæ æмбæстæгтæ æнæвизæ режимæй балц кæнынц Евроцæдисы бæстæтæм. Афтæдæр мæ фæнды, нæ æмбæстæгтæн бакой кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны æрдæг милуанæй фылдæр æмбæстаг, милуан-æмæ æрдæгæй фылдæр визит сыххæст кодта ацы 5 азы дæргъы, кæцы афтæдæр у конкретон, рахатинаг фæстиуæг, кæцы нын ис Евроцæдисимæ ассоциацидзинады бадзырд бафыссыны фæстæ», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.