Ираклий Гъарибашвили – дзуттаг æмбæстонтæн, историон фыдыбæстæмæ, Израилмæ æрыздæхгæ æмбæстонтæн æмæ æппæт дзуттаг адæмæн зæрдиагæй арфæ кæнын Пасекы райдайын
Гуырдзыстоны преьмер-министр Ираклий Гъарибашвили дзуттаг æмбæстæгтæн Пасекы бæрæгбоны фæдыл арфæ кæны.
«Нæ дзуттаг æмбæстæгтæн, сæ историон фыдбæстæмæ – Израилмæ æрыздæхгæ æфсымæртæн æмæ æппæт дзуттаг адæмæн зæрдиагæй арфæ кæнын Пасекы райдайын.
Дзуттæгты физикъон æмæ удон сæрибардзинады ацы стыр бæрæгбон нысаниуæгджын у алы сæрибаруарзаг адæмæн æмæ уый нымæцы, гуырдзиæгтæн, кæцыты дзуттæгтимæ миназон æфсымæрондзинад иу кæны.
Уый тыххæй нæ бæстæйы æмбæстæгтимæ иумæ, зæрдиагæй иу кæнын уæ бæрæгбонмæ.
Сабырдзинад, фарн æмæ размæцыд уын куыд уа уыцы арфæтæ зæгъы мæ зæрдæ сымах æмæ уæ бинонтæн», – банысангонд у премьер-министры арфæйы.