Ираклий Гъарибашвили дзуттаг адæмæн зæрдиагæй арфæ кæны Ханукайы стыр бæрæгбоны фæдыл
Дзуттаг æмбæстонтæн, историон фыдыбæстæйы, Израилмæ æрыздæхт уыцы не фсымæртæн, æппæт дзуттаг адæмæн зæрдаигæй арфæ кæнын Ханукайы ьæрæгбон – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фыссы «Фейсбукы».
Хицауады сæргълæууæг йæ арфæйы фыстæджы куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмты иу кæны миназон ахастытæ, кæцытæ паддзахадты æхсæн хæлардзинады сппæтæй хуыздæр цæвиттон сты .
«Гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты бирææнусон хæлардзинад, дзуттаг дзыллæйы нæфæллагйæ фæллойад нæ иумæйаг фыдыбæстæйы разæмцыдæн Гуырдзыстоны историйы æмæ æхсæнадон цардуагы æнæраскуынгæ хай у. Нæ абоны фæлтæрты бæрн у, цæмæй ноджы стыхджындæр кæнæм н е æфсымæрдзинад, арфдæр скæнæм Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæн æмгуыстад.
Зæрдиагæй уын арфæ кæнын бæрæгбоны фæдыл æмæ сабырдзинады, фарны æмæ размæцыды арфæтæ уын зæгъы мæ зæрдæ сымах æмæ уæ бинонтæн» – фыссы премьер-министр.