Ираклий Гъарибашвили дзуттаг адæмæн арфæ кæны ног азы бæрæгбон, Рош ха-Шана
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили дзуттаг адæмæн арфæ кæны ног азы бæрæгбон, Рош ха – Шана.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты æнусты дæргъы фидар ахастытæ, æфсымæрдзинад æмæ уарзондзинад бонæй бон тыхджындæр кæны æмæ афтæ уыдзæн кæддæриддæр.
«Фæнды мæ ног аз, Рош ха-Шана раарфæ кæнын дзуттаг адæмæн! Æнæниздзинад æмæ фарн уæм уæнт, сабырдзинад æмæ размæцыд – Израилы паддзахадæн, кæцы нæ бæстæйы æмзæрдæ хæлар у æмæ кæддæриддæр нын æххуысгæнæг у.
Нæ адæмты æзхсæн æнустæй фидар ахастытæ, æфсымæрдзинад æмæ уарзондзинад бонæй-бон фидардæр кæны æмæ уырнæг дæн, афтæ уыдзæн кæддæриддæр. Гуырдзиаг адæмы номæй уын ноджы иу хатт арфæ кæнын ацы бæрæгбон», – фыссы Ираклий Гъарибашвили «Фейсбукы».