Ираклий Гъарибашвили – Цæттæ стæм рæстаг компромиссмæ, ныр та оппозицийы рад у уынаффæ рахæссын
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ политикон партиты диалог дарддæр кæны æмæ ныфс дары фидыдæй фæуыдзæн фæстагмæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауад цæттæ у, æмбаргæ æмæ рæстаг компромисс бацагуырдæуа.
«Диалогы тыххæй куы зæгъæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр кæны, мæхимæ уадзын позитивон, оптимистон æнхъæлц, цæмæй фидыдмæ æрцæудзыстæм. Не рдгæй нæ уыдис æмæ нæдæр уыдзæн исты деструктивон архайд. Уый мах фæфиппайдтам оппозицийæ, реалонæй куы фæкъуыхцы кодтой диалог æмæ компромиссмæ куы нæ рацыдысты уæд. Цæттæ стæм, æмбаргæ æмæ рæстаг компромисс æруадзын, æмæ ныр оппозицийы рад у уынаффæ рахæссын», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Гъарибашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, æмгъуыдагоъоммæ æвзæрстыты фарст æхгæд у.
«Политахæсттæ нæ бæстæйы нæй, ахæмтæ уыдис се стыр фæтæгы Саакашвилийы рæстæджы», – банысан кодта Гъарибашвили журналистты фарсты дзуаппæн.