Ираклий Гъарибашвили – бæстæйы æмæ адæмы интерестæ хъахъхъæнæг, фидар, рæзынады процессы уæвæг пъæлицæй нæ падздахады тыхы æмæ размæцыды æнæмæнгхъæуæг æууæл у
Премьер-министр Ираклий Гъарибашвили пъæлицæйагы бонмæ нывонд бæрæгбонон мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы пъæлицæйагы боны фæдыл раарфæ кодта уагдоны кусджытæн, мидхъуыддæгты министрæн, министрады къухдариуæгадæн æмæ алы пъæлицæйагæн.
«Сæрыстыр дæн гуырдзиаг пъæлицæйæ, сæрыстыр дæн нæ пъæлицæйраст ахæм кæй у, уымæн. Абон нæ бæстæ, нæ адæм æмæ хицауад иумæ куы тынг кæнæм нæ паддзахады, тьырнæм нырыккон, европаг паддзахад саразынмæ, æдæрсгæйæ мæ бон зæгъын у, цæмæй нын ис æцæгдæр европаг стандартты нырыккон æмæ сегасдæр сæйраг, бæрзондпрофессионалон пъæлицæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у фæстаг азты масштабон реформæты фæстиуæг», – райхъусын кодта премьер-министр.