Ираклий Гъарибашвили – бæлвырд кæнæм цæттæдзинад, адарддæр кæнæм конструктивон диалог æмæ амалуæвæгæйæ цыбырдæр æмгъуыдтæм æрцæуæм æмбæлгæ бадзырдмæ
Ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм нæ цæттæдзинад, адарддæр кæнæм конструктивон диалог æмæ, куыд гæнæн ис, афтæ цыбыр рæстæгмæ æрныхас кæнæм уый фæдыл; уыдзыстæм фæстиуæгыл ориентацигонд фарс, кæцы конкретон уынафæтæ рахæсдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Европаг Советы президент Шарль Мишелы специалон минæвар Кристиан Даниелсонимæ фембæлды рæстæджы загъта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй хицаугæнæг бал аргъ кæны Евроцæдисы медиацийæн, кæцы здæхт у уавæры деескалаци æмæ политикон процессы нормалон режимы ауадзыны рдæм.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, Ираклий Гъарибашвили æмæ Кристиан Даниелсон æркастысты уыцы фарстæтæ, кæцытæм гæсгæ хицаугæнæг бал æмæ оппозицийы æхсæн ис хъуыдыты хъауджыдæрдзинад. Бахахх ис барады сæйрагдзинады æмæ демократон институттæн цыты нысаниуæг, афтæма æхсæнадæмон организациты, сæ нымæцы OSCE/ODIHR-ы аргълæвæрдæн, кæцымæ гæсгæ дæр, парламентон æвзæрстытæ уыд сæрибар æмæ рæстаг.
«Фембæлдыл ноджы иу хатт хаххгондæй банысан ис, ома иттæг нысаниуæгджын у, алы фарс дæр архайæт Гуырдзыстоны адæмы æмæ бæстæйы интерестæм æмбæлгæйææ æмæ саразæт къахдзæфтæ, компромиссджын уынаффæты рдæм, кæцы здæхт уыдзæн политикон процессы парламенты мидæмæ бахæссыныл.
Премьер, Кристиан Даниелсонæн æмæ президент Шарль Мишелæн политикон диалогы медиацийы тыххæй раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй уый зæгъгæ ноджы иу хатт бæлваырд кæны Гуырдзыстонмæ Евроцæдисы стыр интерес, кæцы процессы алы акторыл стыр бæрн æвæры», – банысангонд у премьеры пресс-куысты информацийы.