Ираклий Гъарибашвили америкаг сенатортимæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы партнерады фæстиуæгæн æндæр æмæ æндæр сферæты  уæвæг прогресс  æркастис
Ираклий Гъарибашвили америкаг сенатортимæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы партнерады фæстиуæгæн æндæр æмæ æндæр сферæты уæвæг прогресс æркастис

Гуырдзыстоны премьер-министр, ираклий Гъарибашвили  АИШ-ы   сенатортимæ, Джин Шахин  æмæ Ричард Дурбинимæ фембæлдис.

Премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ,   æркæсинаг фарстаты æхсæн  уыд  Гуырдзыстоны æмæ  Америкæйы Иугонд Штатты   æхсæн   уæвæг  стратегион  партнерад æмæ ацы  партнерады фæстиуæгæн   æндæр æмæ æндæр сферæты   уæвæг прогресс.

«Банысан ис, цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн  партнерад  иумæйаг хæзанты  æмæ  интерестыл у  бындурæвæрд, Гуырдзыстон АИШ-ы  нæфæсайгæ партнер æмæ  иузæрдыг æмцæдисон у  регионы æмæ йæ  арæнты æддæйæ  æмæ  аргъ кæны   Америкæйы Иугонд Штатты   фидар дыууæдæрпартион  фарсдарынæн.

Фембæлдыл банысан ис, цæмæй Европæйы регион æмæ Дунейæн   критикон  рæстæджы  сенаторты визитæн сæрмагонд нысаниуæг ис  æмæ Америкæйы Иугонд Штатты  фарсдарыны  нысаниуæгджын сигнал у æхсæнадæн», –  дзырдæуы  премьер-министры  пресс-куысты  информацийы.

Ираклий Гъарибашвилийы  дзырдæй,   Гуырдзыстон  æргом  цæвиттон у, цæмæй  куыд  тыхджын кæны АИШ-ы бастдзинад  æмæ фарсхæцын   бæстæйы  демократон институтты,   хъахъхъæнынады  фадæттæ æмæ  йæ къух аразы  экономикон рæзынадæн.

Премьер-министры  пресс-куысты  хъусинагæй,   фембæлдыл   фæуынаффæ кодтой   фæмгуыстады  ноджы  фæарфдæр кæныны  перспективæтыл.

«Ныхас афтæдæр уыд  евроинтеграцийы фæндагыл   Гуырдзыстоны  рахатинаг  прогрессыл.  Банысани, ома  Евроцæдисы  рекомендациты  фылдæр хай  æххæст сты, закъондæттæн   актты  хай та тадзæгмæ æрвыст сты Венецийы Комиссимæ.  Бахахх ис  Евроцæдисмæ интеграцийы  процессы АИШ-ы  фидар  фарсдарыны  нысаниуæг.

Дзырд уыдис уавæрыл оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл. Ираклий Гъарибашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ йын   æхсызгон у  Хуссар Кавказы  бадзырдты хистæр уынаффæгæнæгæй  Луис Бонойы  снысан.  Хицауады сæрдар  сенатортæн Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн  æнæцудгæ фарсдарыны тыххæй   раарфæ кодта.

Фембæлдыл  афтæдæр  æркастысты  регионы æмæ Дунейы  уæвæг   æдасдзинады  уавæр  æмæ  быцæусидтытæ. Бахахх ис    конфликтты   сабыр фæндагæй   алыгы  нысаниуæг», –   банысангонд у   премьер-министры  пресскуысты информацийы.

Хицауады  администрацийы  уагъд  фембæлдыл   уыдысты  Гуырдзыстоны  Америкæйы Иугонд Штатты  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар  Келли Дегнан  æмæ  хицауады администрацийы  хистæр  Реваз Джавелидзе.