Ираклий Гъарибашвили – æнхъæлмæ кæсæм  еврокомиссийы уынаффæмæ, кæцы ноджы иу историон уынаффæ уыдзæн æмæ Гуырдзыстоны европаг фидæн бæрæг кæны
Ираклий Гъарибашвили – æнхъæлмæ кæсæм еврокомиссийы уынаффæмæ, кæцы ноджы иу историон уынаффæ уыдзæн æмæ Гуырдзыстоны европаг фидæн бæрæг кæны

Æнхъæлмæ кæсын Еврокомиссийы   уынаффæмæ, кæцы  дыууæ  бонмæ  айзæлдзæнис æмæ ноджы иу историон   уынаффæ  уыдзæн.   Уый Гуырдзыстоны Европаг фидæн сбæрæг кæндзæн –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Иралкий Гъарибашвили  хурыскæсæн партнерады фарстаты  Евроцæдисы æмæ Евроцæдисы  уæнг бæстæты специалон минæвæрттимæ  фембæлдыл   райхъусын кодта.

Хицауады  сæрдары дзырдæй,   Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  фидар   партнерад иумæйаг тыхархайды фæстиуæг у æмæ уый  тынг конкретон   фæстиуæг æрхаста.

«Ноджы иу  хатт уын арфæ кæнæм æмæ алкæмæн мæ фæнды  бузныг уын  зæгъон   кæй нæм фæуазæг стут уый тыххæй. Фыццаджы дæр мæ  хицауады номæй мæ фæнды раарфæ уын кæнон   æрцæуыны тыххæй.  Бæрзонд аргъ кæнын уæ  фарсдарынæн  Гуырдзыстоны  суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ  евроатлантикон   тырнынады.

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уæ  визит  Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн – афтæ зæгъин, ома  бæрæггæнæг  моменты цæуы.  Уый у  Гуырдзыстоны  европаг   фидæнæн  уæ  фарсдарыны  цæстæйуынгæ бæлвырдгæнæн у.

Евроцæдс æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  фидар партнерад  нæ иумæйаг   тыхархайды  фæстиуæг у æмæ  куыд æй зонæм афтæмæй, тынг конкретон   фæстиуджытæ  æрхаста. Адон сты: ассоциацидзинады бадзырд, æнæвизæ змæлды режим, европаг  перспективæ, кæцы ивгъуыд азы  райст  историон уынаффæ у.  Ацытæккæ кæй зæгъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсæм  еврокомисиийы  уынаффæмæ, кæцы  дыууæ бонмæ айзæлдзæнис æмæ ноджы иу  историон   уынаффæ уыдзæн.  Уый бæрæг кæны Гуырдзыстоны   европаг  фидæн.

Уыйадыл  ноджы иу  хатт  зæрдæхъарм арфæгæнæг уын дæн æмæ мæ фæнды  бузныг уын  зæгхон» – райхъусын кодта премьер-министр.