Ираклий Гъарибашвили - Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ бæстæйы нæ уыдзæн
Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ бæстæйы нæ уыдзæн, ууыл ныхас мах фестæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фехъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны 2020 азы октябры ацæугæ парламентон æвзæрстытæ æппæт дуне банымадта.
«Æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ бæстæйы нæ уыдзæн. Ууыл ныхас фестæм. Уый фæдыл байхъуыстам Еврпоцæдисы официалон минæвæртты фидиуæнтæ, АИШ-ы паддзахадон департаменты, Сенаты æмæ а.д. OSCE/ODIHR-ы хатдзæгтæ. Æнæхъæн дуне нымадмæ райста нæ æвзæрстытæ æмæ нын раарфæ кодтой, цавæр æвзæрстытыл ма ныхас кæнæм»- райхъусын кодта Гъарибашвили.