Ираклий Гъарибашвили æмбаргæдзинад равдисынмæ æрсидтис «Намахван-гэсы» ныхмæ акцигæнджытæм
Ультиматумтæй ныхас кæнын категорионæй нæрайсгæ у, фæнды мæ алы уыцы адæймагæн зæгъын цæмæй æмбаргæйæ исæт уынаффæ, падзахад архайы законтæй æмæ конституцийы фæлгæтты – ацы ныхæстæй баздæхтис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили «Намахван-гэсы» ныхмæ акцигæнджытæм.
Уыйимæ иумæ премьер-министр банысан кодта, цæмæй мæйы кæрон фембæлдзæнис проекты инвесторимæ, компанийы бындурæвæрæг æмæ хицауимæ, кæцыимæ аркæсдзысты деталон фарстæтæ. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ультиматумæй ныхас кæнын нæрайсгæ у.
«Закъоны фæлгæттæй чи рахыздзæнис , цæй зæгъын æй хъæуы падздахадæн уыдзæн æмбæлгæ реагиркæнынад» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.