Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн арфæ кæны Конституцийы боны фæдыл
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмбæстæгтæн арфæ кæны Конституцийы боны фæдыл.
Премьеры фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, зæгъгæ ацы бон у иудзинады момент, кæцы ноджы иу хатт бæлвырд кæны иумæйаг уынаффæ рухс фидæны, – иугонд, сабырадон, фидар, размæцыд Гуырдзыстон саразынæн.
«Гуырдзыстоны Конституци – нæ бадзырд нæ кæрæдзиимæ æмæ паддзахадимæ – стыр историйы æмæ культурæйы бæрæггæнæг хæзнатыл æнцойæвæрд у. Иурæстæгонæй, уый ног нысæнтты æмæ раддтæ æвдисы нырыккон эпохæйы бæстæйы æмæ адæмы размæцыд-райрæзты тыххæй.
Ацы бон – иудзинады момент у, кæцы ноджы иу хатт бæлвырд кæны нæ иумæйаг уынаффæ рухс фидæны – иугонд, сабырадон, тыхджын, размæцыд Гуырдзыстон саразынæн», – банысангонд у Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны.