Ираклий Гъарибашвили æмæ хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг сабырадхъахъхъæнджытæн Ног Аз раарфæ кодтой камандыгæнæн центрæй
Гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджытæн Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр æмæ хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг , æрцæугæ Ног Азы бæрæгбон раарфæ кодтой хъахъхъæнынады министрады æфсæддон камандон центрæй.
Хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвили æмæ инæлар-майор Гиорги Матиашвили, Афгъанистаны Исламы Реуспубликæйы æмæ Централон Африкæйы Республикæйы æфсæддон куысджытæм дзырдæй баздæхтысты.
Уагдоны пресс-куысты ахæлиугонд информацимæ гæсгæйæ, Ираклий Гъарибашвили бæстæйы раз æмæ глобалон æдасдзинад ифтонгады процессы гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджыты хайбавæрд банысан кодта, намысджын службæйы тыххæй сын раарфæ кодта æмæ сын ноджы иу хатт баныфсвæрдта æххуыс.