Ираклий Гъарибашвили – Абонмæ нысангонд маршы ауадзын нысанæмрастыл нæ нымайын
Ираклий Гъарибашвили – Абонмæ нысангонд маршы ауадзын нысанæмрастыл нæ нымайын

Абонмæ  нысангонд маршы ауадзын, мæнмæ гæсгæ,   нысанæмраст нæу, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  хицауады  абоны рабадтыл   райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   абоны акци  æмбæстагон  быцæудзинады  тас хæссы  æмæ  цæрджыты фылдæры хайæн  фæнысангонд  акцийы  ауадзын  нæрайсгæ у.

«Зондзыстут, нæ  паддзахад хъахъхъæны алы æмбæстагы бартæ.  Нæ иунæг æмбæстгы дæр  хицæн кæнæм исты  миниуджытæй. Уый тыххæй  алцыппæт сарызтам. Райстам антидискриминацион   закон  цалдæр  азы размæ. Иурæстæгонæй,  кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыдыйæ  кæндзыстут вæццæгæн,  мæ инициативæйæ, æхсæз азы размæ  рацыдтæн æмæ  загътон, цæмæй  хъуыдис конституцимæ  къайады фæдыл  дефиници   сбæрæг кæнын æмæ  ныффыссын, кæцыйы нæ бал «Гуырдзиаг Бæллицц»  фæстæдæр сыххæст кодта. Афтæмæй  ацы фарста  срегулир кодтам.

Ис нын бирææнусон истори, куыд æппæты рагон нацитæй сæ иу, цы ран æмцарды бирæ  цæвиттон ис  æмæ  нæ нацийы иунæг минæварæн,  фæнды религион, кæнæ æндæр миниуæгæй хъауджы  адæймæгтæ сты, никуы уыдис проблемæтæ ацы æрдгæй.  Уымæ гæсгæ  дæр мæ фæнды  зæгъын, цæмæй  абон дæр уыцы адæймæгты, кæцытæ протест кæнынц æмæ  æвдисынц сæрмагонд позици  æмæ  сæ фæнды  бæрæг марштæ  ауадзын, уый  сæхи бар у,  уый  æмбарæм  куыд   реалондзинад æмæ  æмбарæм сæ фæндтæ, сæ конституцион бар у.

Абоны акци  æмбæстагон  быцæудзинады  тас хæссы. Цæрджыты  фылдæрæн  фæнысангонд акцийы ауадзын  нæйрайсгæ у.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, фæнысангонд акци  ма хъуамæ  уа  Руставелийы проспектыл. МХМ  æнæаскуынгæ  контактыл ис  маршы организатортимæ, уыдонæн  бамбарын кодтой, цæмæй  сæ акци хæссы  бæрæг тас  æмæ сæм лæвæрд уыд  альтернативон   локациты  сывзарыны фадат. Фæнды мæ  зæгъон сын,  сæ  зæрдыл дарæт нæ сидт.  Сæрмгаондæй та, рискъы тыххæй пъæлицæйы аргълæвæрд  æмæ  альтернативæйæ сывзарæт   æндæр локаци.

Ахæм акцитæ  æмæ  мадзæлттæ,  мæ хъуыдымæ гæсгæ, иннæрдæм  сæхи ныхмæ, къаддæрдæрты дискриминацийæн  ахъаззаг сты.   Уы фæдыл мæ ралæуды,  парламенты дæр  радзырдтон.  Уæлдайджын апелляцитæ куы кæнынц  æмæ хаххгондæй банысан кæнынц  сæ   хъауджыдæрдзинад, мæ хъуыдымæ гæсгæ, растдæр уый  у  ацы адæймæгты дискриминаци.   Нæ цæрджытæн  никæмæ ис проблемæ, нæдæр ацы адæймæгтимæ.  Æрвылбойнонæй  къаддæрдæрты  минæвæрттæ кусынц  æмæ   цæрынц абсолютонæй   нормалон  уавæрты.  Ницы  тæссаг сын у  нæ бæстæйы.  Фæнысангонд  дискриминацийы Иунæг факт дæр нæй æмæ мæ æмтгæй зæгъгæйæ  фæнды  радзурын,  кæд  искуы  хицæн  цау сфиксир ис,   уыцы факты иумæйаг кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы,   гæнæн  нæй.

Акцийы  ныхмæ  чи  сты,  удонмæ мæм куырдиат ис,  ома  уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы,  у  сæ конституцион бар, фæлæ алцыппæт ацæуæд  конституцийы  æмæ  закъоны фæлгæтты.  Протесты  формæ дæр хъуамæ уа  сабыр  æмæ ма хъуамæ хæсса тыхмидзинады   миниуджытæ.  Бæстæйы хъуамæ уа сабырдзинад æмæ  законы сæйрагдзинад. Куыд премьер-министр  æмæ  хицауады сæргълæууæг, нæ бауадздзынæн  хаосы æмæ  æмбæстагон быцæудзинад. Алцыппæт сараздзыстæм уый тыххæй, цæмæй максималонæй   фæкаддæр кæнæм  рискытæ  æмæ абоны бон  арвитæм сабырæй», – райхъусын кодта Иракли Гъарибашвили.