Ираклий Гъарибашвили – абон нысаниуæгджын бон у, максималонæй цыбыр æмгъуыдтæм хъуамæ бавдисæм Брюссельмæ Евроцæдисы уæнгдзинады куырдиатыл баххæстгонд фарстаты анкет
Гуырдзыстонгы премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Люксембургы ис, цы ран Еврокомиссар Оливер Вархей йын абон радæтдзæн Евроцæдисы уæнгдзинады куырдиатыл фарстаты æмбырдгонд адæтдзæн. Уый фæдыл Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон максималонæй цыбыр рæтсæгмæ хъуамæ бадæтта Брюссельмæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл куырдиатыл баххæстгонд фарстаты æмбырдгонд.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт бакой кæнын нæ æмбæстæгтæн, алы уыцы дзæбæхдзинад, прогресс, кæцымæ æрцыдыстæм ацы фæстаг азты Евроцæдисимæ ахастыты æрдгæй, уыдис растдæр нæ хицауады, фæткдар партийы сгуыхтдзинад у, райдайгæ ассоциацидзинады бадзырд бафыссынæй, афтæдæр сæрибар базарад, æнæвизæ змæлды режим, нырид та официалон куырлиат уæнгдзинадыл, уый æппæт баст у растдæр «Гуырдзиаг Бæллиццимæ». Уый тыххæй ацы бæрнæй, мах райсдзыстæм фарстаты æмбырд, баиу уыдзыстæм æмæ максималонæй цыбыр æмгъхуыдмæ бавдисдзыстæм баххæстгонд документаци. Ис мæм æнхъæлц, цæмæй нын уыдзæн æнгом æмгуыстад парламентимæ, æндæр интересджын уæнгтимæ, кæцытæ ацы процессы сæ хайбавæрд скæндзысты» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.