Ираклий Гъарибашвили абон Брюсселмæ араст ис, цы ран Шарль Мишелы æмæ Урсула фон дер Лайены иумæйаг хуындæй, Хурыскæсæн Партнерады саммиты райсдзæн хайад
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Европаг Советы президенты, Еврокомисссийы президенты æмæ Евроцæдисы Советы нырыккон сæрдар бæстæ, Словенийы премьер-министры иумæйаг хуындæй, 15 декабры Хурыскæсæн Партнерады саммиты райсдзæн хайад, кæцы Брюсселы ацæудзæн.
Хицауады сæргълæууæг делегациимæ иумæ Бельгийы паддзахадмæ абон араст ис.
Саммитыл ист уыдзæн политикон деклараци, кæцыйы нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн приоритетон фарстаты бавдисын. Декларацийы ноджы иу хатт сбæлвырд уыдзæн Евроцæдисæн Хурыскæсæн Партнерады стратегион нысаниуæг, афтæма, Гуырдзыстоны æмæ партнерты суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын, æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
Гуырдзиаг фарсы æнхъæлц у ахæм нысаниуæгджын фарстатæ банысан кæнын, цахæмдæр сты Евроцæдисы иууон базармæ этапгай интеграци, афтæма хурыскæсæн партнерады ног бонвæтк сфидар кæнын, кæцыйы бакуысты Евроцæдисы æмæ æндæр партнер бæстæтимæ иумæ, Гуырдзыстон активон баст уыдис. Фæстиуæгæн, фæбæрæги амбицион бонвæтк, кæцы партнер бæстæты æдасдзинады, экономикæйы, институтты, дзыллæты, æрдзхъахъхъæды æмæ цифрон трансформацийы механизмтæ стынг кæнынæн уыдзæн ахъаз. Ног бонвæтк æххæссы конкретон нысæнттæм баххæссынмæ, кæцы Евроцæдис ног регионон инвестицион планы фæрцы сыххæст уыдзæн. Гуырдзыстонæн уырдгæй рафтгæ пайда уыдзæн, транспортон, энерго æмæ цифрон бастдзинад стынг кæнын, уый нымæцы, Сау Денджызы потенциалæй максималонæй спайда кæныны фæндагæй.
Брюсселмæ визиты рæстæджы, Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг афтæдæр ауадздзæн бæрзонд рангы дыууæфарсон фембæлдтæ. Ираклий Гъарибашвили фембæлдзæн НАТО-ы генералон нымæрадар Йенс Столтенбергимæ.