Ираклий Гъарибашвили - Абон бæрæгбон кæнæм Абхазы бон, фæнды мæ раарфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн, сæрмагондæй та нæ абхазаг æфсымæртæн æмæ хотæн
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья дыккагы арфæйæ, Гуырдзыстоны 23 майы бæрæгбон кæнæм Апхазетоба. Фæнды мæ раарфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн, сæрмагондæй та – нæ абхазаг æфсымæртæн æмæ хотæн!» – уый фæдыл Гуырдзыстоны ремьер-министр Ираклий Гъарибашвили социалон хызаг «Фейсбукы» фыссы.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, Абхаз Гуырдзыстонæй æнæраскуынгæ хай кæй у уый, гуырдзиæгты æмæ абхазæгты иумæйаг фидæнæн та альтернативæ нæй зæгъгæ.
«Абхаз у Гуырдзыстонæй æнæраскуынгæ хай, гуырдзиæгты æмæ абхазæгты иумæйаг фидæнæн та альтернативæ нæй. Сабырдзинад, рæзынад æмæ европаг фидæн, уырнæг дæн, уый разæууæлæй суыдзæн, цæмæй нæ абхазаг æмбæстонтимæ иумæ, цæрдзыстæм иугонд фидыр Гуырдзыстоны» банысангонд у премьер-министры фидиуæны.