Ираклий Гъарибашвили  -  90-æм азты фæстæ бирæ хатт  фæрæдыд стæм, нæ æнæбæрнон политикон элитæтæ бæстæйы сцырын кодтой мидхæстытæ,  æфсымæрмар хæсты  фесæфтам территоритæ
Ираклий Гъарибашвили - 90-æм азты фæстæ бирæ хатт фæрæдыд стæм, нæ æнæбæрнон политикон элитæтæ бæстæйы сцырын кодтой мидхæстытæ, æфсымæрмар хæсты фесæфтам территоритæ

Ацы  бонты дæргъы   деталонæй  афæлгæстам  цы  хъуыддæгтæ сарызтам,  нысаниуæгджын  реформæтæ,  ноджы иу хатт   бакой  кодтам æхсæнадæн,   кæм  уыдыстæм,  кæм стæм  ацы  тæккæ  æмæ  уый, цæмæй  нæ  кæм фæнды  уæм  фидæны, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили   парламенты,  хатдзæгон ныхасæй  ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

«Æз афтæдæр   деталонæй   уын бавдыстон, нæ  дæргъвæтин   райтынгы,  рахицæн кодтон уыцы сæрг  параметртæ  æмæ  контуртæ,  кæцы æрхæсдзæн бирæ  фарны нæ   цæрджытæн, рæзынадæн æмæ   нæ  фыдыбæстæйы  стыхджын кæнынæн», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.

Хицауады  сæрагълæууæг куыд банысан кодта  афтæмæй,   залы  уыдис  бирæ  цъыф калд,  мæнг  æмæ  манипуляцитæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг бирæ   хахуыртæ  фехъуыстон,  бирæ  мæнг ныхæстæ,  бирæ  манипуляцитæ, уый æмбарæм  тынг дзæбæх, уымæн æмæ  зонæм, кæйимæ нын ис хъуыддаг.  Ираклий  тынг раст аргълæвæрд ратта,  маргджын уырынгонимæ  куы  сбарста,  уыцы  тыхы, кæцы  тынг  бирæ æнамондзинад  æрхаста нæ бæстæйæн.  Мах кæддæридæр,  мæ  хæлæрттæ,  хъуамæ  бакой  кæнæм  фыццаджы дæр нæхицæн  æмæ   ныхас  кæнæм нæ  хæстæг ивгъуыдыл,  фæлæ уый нæ нысан кæны,  цæмæй   нæхи  «Нацзмæлдимæ» барæм  æмæ  равдисæм нæхи афтæмæйты, цæмæй  куыд дзæбæх стæм.   Фæлæ  уый ноджы иу хатт  хъуамæ  бакой  кæнæм нæхицæн, нæ цæрджытæн, цæмæй ивгъуыды æгæр бирæ рæдыд   уыдис.   Бирæ хæтты уыдис ацы залы 90-æм азты  кой.  30 аздзыд у  нæ æвзонг демократи. Бирæ трагикон рæдыд,  фаталонæй  фæрæдыд стæм  мах,  нæ адæм æмæ   уыцы элитæтæ,  кæцытæ хицау кодтой бæстæйы азты  дæргъы.  Цæй ма зæгъæм  уый, цæмæ баххæссыдыстæм ацы  азты дæргъы.

90-æм азты,  нæ хæдбарад ногæй  куы сфидар кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы,  æнæхъæн наци уыд  иугонд,  иу стыр нысанæн.  Ай уыдис нæ  бæстæйы  хæдбардзинад  ногæй  рацаразыны   стыр идея,  кæцымæ баххæссыдыстæм, кæй зæгъын æй хъæуы,  ныккалдис советон цæдис. Уый фæстæ  нæ  æнæбæрн политикон  элитæтæ  бæстæйы  сцырын кодтой,  æфсымæрмар хæсты  фесæфтам территоритæ,   уыдис хæст Абхазы, Самачаблойы.  Уый æппæтæй   нæ наци   ныддихтæ ис, æмæ цæй  кой кодтон,  уымæ æрцыдыстæм», –  райхъусын кодта премьер.