Ираклий Гъарибашвили – 23 майы нæ фыдыбæстæйы бæрæгбон кæнæм Абхазы бон
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, æгас Гуырдзыстонæн, сæрмагондæй та абхазаг æфсымæр æмæ хотæн арфæ кæны Абхазы бон.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы арфæйæ бындурæвæрд ноджы иу ахсджиаг традици гуырдзыйæгты æмæ абхазæгты иудзинад æвдисы.
«23 майы нæ фыдыбæстæйы Абхазы бон бæрæгбон кæнæм. Æппæт Гуырдзыстонæн, сæрмагондæй та абхазаг æфсымæр æмæ хотæн арфæ кæнын Абхазы бон. Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы арфæйæ бындурææрд ноджы иу ахсджиаг традици гуырдзыйæгты æмæ абхазæгты иудзинад æвдисы. Абон нæ дих кæны оккупацион хахх, фæлæ цы нæ иу кæны – иумæйаг истори æмæ культурæ, аргъдзинæдтæ æмæ нæ хъæбулты хуыздæр фидæнмæ тырнын, дæттын нын уый уырнынад ома сомбон нын афтæдæр иудзинад, сабырдзинад æмæ хæлардзинады сæрмагонд у. Алцыппæт сараздзыстæм уый тыххæй æмæ мæ уырны, цæмæй дард нæу уыцы бон, фидæны номæй нæ бон куы бауыдзæн баиу кæнын æмæ фидар, размæцыд, европаг бæстæ аразын куы бахъом уыдзыстæм», – банысан кодта премьер-министр.