Ираклий Гъарибашвили – 1991 азы 31 марты ацыд референдум, кæцыйыл нæ адæм схъæлæс кодтой Хæдбар Гуырдзыстоны идеяйæн
1991 азы 31 марты Гуырдзыстоны æппæт территорийыл ацыд референдум, кæцыйыл нæ адæм схъæлæс кодтой Хæдбар Гуырдзыстоны фæдыл идеяйæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, социалон хызагы фыссы.
«31 март Гуырдызстоны иууыл ног историйы иттæг ахсджиаг датæ у. Раст 30 азы размæ 1991 азы 31 марты Гуырдзыстоны æппæт территорийыл ацыд референдум, кæцыйыл нæ адæм, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæрæг нæ æмбæстæгтимæ иумæ, схъæлæс кодтой Хæдбар Гуырдзыстоны идеяйæн, сывзæрстой бæстæйы паддзахадон хæдбар фæндаг.
Ацы бонимæ у баст Гуырдзыстоны националон хъайтары, Гуырдзыстоны фыццаг президенты Звиад Гамсахурдиайы ном, кæцыйыл абон сыххæст уыдаит 82 азы. Нæй гæнæн йæ сæрмагонд сгуыхтдзинад сбарын паддзахадон хæдбарад сæндидзын кæныны хъуыддаджы. Растдæр Звиад Гамсахурдиа уыдис ацы историон боны сæйраг сфæлдисæг.
Алкæмæн арфæ кæнын Гуырдзыстоны иууыл ног историйæн ацы эпохалон нысаниуæгы бон», – фыссы Ираклий Гъарибашвили «Фейсбукы».