Ираклий Чиковани хайад иста Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды рабадтыл
Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Германийы визитæй уыд. Ираклий Чиковани, Рамштейны уæлдæфон базæйыл, Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды 25-æм фембæлды хайад иста.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Рамштейны форматы фембæлдыл хихъахъæнады министрадты къухдариуæггæнджытæ æмæ Украинæйæн йæ фарсылхæцæг бæстæты бæрзонд гæстæ истой хайад.
«Украинайы хихъахъхъæнады контакт къорды фембæлд АИШ-ы хихъахъхъæнады нымæрдар байгом кодта. Рамштейны форматы 25-æм фембæлдыл, Лойд Остинимæ иумæ раныхас кодта Украинæйы президент Владимир Зеленский. Уыдон æркастысты Украинæйы цæугæ хæстон уавæрмæ æмæ æруынаффæ кодтой Украинæйæн координиргонд æфсæддон æххуысы тагъд æмæ дæргъвæтин æнæмæнгхъæуындзинадыл. АИШ-ы хихъахъæнады минситр Украинæйæн дарддæры æххуысы пакетыл фæныхас кодта æмæ афтæ дæр банысан кодта, цæмæй уый у йæ фæстаг хайадист Контактон къорды фембæлдыл.
«Украинаг хъахъхъæнынады контакт къорд 2022 азы апрелы АИШ-ы инициативæйæ арæзт æрцыд æмæ æмбырд кæны 50 бæстæйæ фылдæр, кæцытæ æххуыс кæнынц Украинæйæн», – ис фыст хихъахъхъæнады министрады расидæны.