ИНО-ы адæймаджы барты Европаг Совет, Украинайы  Уæрæсейы æфсæддон фыдракæндтыл фæдагуырд райдаыны фæдыл резолюци райста
ИНО-ы адæймаджы барты Европаг Совет, Украинайы Уæрæсейы æфсæддон фыдракæндтыл фæдагуырд райдаыны фæдыл резолюци райста

ИНО-ы адæймаджы  барты  Европаг совет  Украинайы  территорийыл  Уæрæсейы æфсæддон фыдракæндты  фæдагуырды  фæдыл резолюци райста. Уынаффæ   советы  уæнгтæ  фылдæр  хайæ  сбæлвырд кодтой.

ИНО-ы  адæймаджы барты  советы  веб-фарсыл публикацигонд  информацийæ,   резолюциимæ сразы ис  33 бæстæ, 12, сæхи фæурæдтой.  Китай æмæ  Эритрея  уыдысты  уыцы дыууæ бæстæйæ,  кæцытæ  документы ныхмæ схъæлæс кодтой.

Китайы  минæвар документы схуыдта политизиргондæй æмæ загъта, цæмæй  ац  резолюци Украинайы  уавæр фылдæр ныттынг кæндзæн  æмæ  «арты цырын кæны».

Оициалон информацийæ,  хъуыддаг æххæссы  уыцы фыдракæндтæм, кæцытæ  æнхъæлцау уырыссаг æфсæддæттæ  сыххæст кодтой  хæсты  фыццаг бонты, уый нымæцы  Киевмæ хæстæг  горæтты æмæ æндæр регионты.

Советы  уæнгтæм видео-хиды фæрцы  басидтис  Киевæйы Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг  Эмине  Джапарова.  Йæ дзырдæй,  зæгъгæ   Украина  æххæст фыдæвзарæны  10  къуыри. ИНО-йы   адæймаджы  барты бæрзонддæр   комиссар  Мишель Бачелети  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  фæстаг къуыриты мидæг  Киевы цæгаты  уæвæг   районты  ссардæуы  мингай мардыбуар.  Сæ  хай  куыд æнхъæлынц афтæмæй, уыдысты мæлæтæй  æфхæрд.  Уæрæсе аххосагыл нæ сæтты.

Резолюцийы сбæлвырд кæныны фæдыл  куырдиат сарызта ИНО-йы  уæрæсейы æдзæсгом минæвар.  Геннаддий Гатилов  документ скритикæ кодта æмæ  загъта, цæмæй  «Украинайы сырæзт  уавæрæй  рацæуæн  бацагуырды бæсты, коллективон  ныгуылæн  Уæрæсейы демонизаци скæнын архайы» .

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Уæрæсе  адæймаджы тбарты  советæй   апрелы мæйы  феддæдуар кодтой.